Тесты по осетинской литературе для 11 класса
Дзесты Куыдзæджы сфæлдыстад (11 кълас).
Дзесты Куыдзæджы мысинæгты чиныг хуыйны
а) «Зæрдæйы сагъæстæ»
æ) «Зæрдæйы ностæ»
б) «Мысинæгтæ»
в) «Зæрдæйы ристæ»
Фыссæджы кадджын ном Куыдзæгтæн радта йæ уацмыс…
а) «Тегайы бæлас»
æ) «Фæндагсар Уастырджи»
б) «Хорхæссæг»
в) «Фыййауы сагъæс»
Мидхæсты цаугæ æвдыст æрцыдысты
а) «Хур скæсæны ‘рдæм нæ ныгуылы»-йы
æ) «Тегайы бæлас»-ы
б) «Фæсмон»-ы
в) «Æрдхæрæны лæвар»-ы
Дзесты К. ахæсты фæцис
а) 10 азы
æ) 18 азы
б) 3 азы
в) 15 азы
Уæллагкомы хорты «ирвæзынгæнæг», «фæстаг мæсыг» уыд
а) мигъ
æ) уарын
б) хур
в) халас
Дзесты Куыдзæг «уазæгхор гуымирытæ» рахуыдта…
а) миты хъæпæнты
æ) адæмы
б) бæлæсты
в) æгомыг къæдзæхты
«Зымæг йæ урс дзæмбытæ æрæвæрдта хæхты бæрзæндтыл. Ничи нæм уарзы тызмæг, æввонгхор зымæджы… Бæрзæндтæй сындæггай лæсы дæлæмæ, кæмттæм…».
Скъуыддзаджы аивадон мадзæлттæ æмæ цитатæты ‘хсæн иудзинад ссарын
а) олицетворени 1) «урс дзæмбытæ æрæвæрдта»
æ) эпитет 2) «сындæггай лæсы»
б) метафорæ 3) «тызмæг, æввонгхор зымæджы»
4) «хæхты бæрзæндтыл»
Дзесты Куыдзæгмæ гæсгæ, «Фæрнджын лæг……………………………………………………………………………
Дзесты Куыдзæджы «Фæндагсар Уастырджи»-йы, Боциты Бароны «Саст рæхыс»-ы, Нигеры «Хидыл»-ы иу кæны…
а) революцийы идейæ
æ) фæндаджы фæлгонц
б) хæххон хъæуы царды темæ
в) сæйраг фæлгонцты зондахаст
Дзаххомæ гæсгæ, «мæгуыр уый у…
а) адæмы раз барджын ныхас чи кæны
æ) æрлæууæн бынат кæмæн нæй
б) фос кæмæ нæй
в) бирæ адæмы æхсæн дæр иунæг чи вæййы
Дзаххойы «зондахастмæ нæ бахæццæ цивилизаци æмæ горæтаг
а) сæудæджеры зыд
æ) адæймаджы хиуарзондзинад
б) лæджы кæрæфдзинад
в) нæлгоймаджы æнæвæрсондзинад
«Фæндагсар Уастырджи»-йы идейæ у
а) зонындзинадтæм тырнын
æ) патриотизм
б) гуманизм
в) уды сæрибардзинад
«Лæг адæмы кæм хъæуа, уым куы архайа æмæ уым куы цæра, уæд ма йæ цы хуыздæр хъæуы! «Афтæ хъуыды кæны
а) Тега
æ) Дзаххо
б) Темсыр
в) Гæвди
Дзесты К. Дзаххойыл дзургæйæ, не спайда кодта… фæлгонцаразæн фæрæзæй
а) идеализацийы
æ) мидмонолоджы
б) гиперболæйы
в) метонимийы
Сæйраг хъуыды æмæ уацмысы ‘хсæн иудзинад
а) «Тегайы бæлас» 1) Нæй басæттæн сæрибарыл тохæн
æ) «Хорхæссæг» 2) «Хорз лæджы фæд зæйы бын дæр нæ сæфы»
б) «Хур скæсыны ‘рдæм нæ нигуылы» 3) адæймаджы цард у зынаргъ, хъæуы йыл тох
кæнын
в) «Æрдхæрæны лæвар»
Дзуæппытæ.
1æ
2б
3а
4æ
5а
6в
7а2æ3б1
8 «æнамонд никуы вæййы»
9æ
10в
11а
12б
14б
15а2æ3б1.
Нравится материал? Поддержи автора!
Ещё документы из категории литература:
Чтобы скачать документ, порекомендуйте, пожалуйста, его своим друзьям в любой соц. сети.
После чего кнопка «СКАЧАТЬ» станет доступной!
Кнопочки находятся чуть ниже. Спасибо!
Кнопки:
Скачать документ